Космонавтикæйы æмæ авиацийы бон нæ студимæ фæхуыдтам зындгонд æфсæддон тæхæг, инæлар-майор Къаболаты Солтаны. Ныхас кодтам уæлæрвты тæхыны сусæгдзинæдтыл. Ирон æвзаджы рæзты Центр æрæджы байгом нæ республикæйы. Цы нысан æмæ йын цавæр хæстæ уыдзæн, ууыл дзурæм йæ сæргълæууæг Куыдзойты Анджелæимæ. Фæсивæдон фестиваль "Студентон уалдзæг"-мæ æрыгæттæй чи нæ фенхъæлмæ кæсы, ахæмтæ бирæ не сты. Уæдæ чызджыты æмæ лæппуты цæмæ æлвасы йæхимæ уыцы мадзал? Дзурæм ыл "Йæ рæстæгыл".
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
ok.ru/irystontv
/ irystontv
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv
Негізгі бет Космонавтикæйы бон, ирон æвзаджы рæзты центр æмæ "Студентон уалдзæг"
Пікірлер: 5