Хуыцаубоны Уæрæсейы сбæрæг кæндзысты медицинон кусæджы бон. Нæ бæстæйы кад кæндзысты дохтыртæ, фелсыртæ, медицинон хотæ æмæ æфсымæртæн. Иу дзырдæй, адæймаджы æнæниздзинад фæхуыздæр кæнынмæ бар чи дары, уыдон се `ппæт дæр. Уыцы боны агъоммæ нæ студимæ фæхуыдтам зындгонд дохтыры. Æнтыстдзинæдтæ æвдисынц нæ æрыгон ахуыргæндтæ дæр. Уыдон дыккæгæм аз кусынц Сомихы наукон институты. Цæмæн? Уый нын радзырдтой нæ программæйы. Уæдæ хъæууон хæдзарады цы наукон кусджытæ фæллой кæнынц, уыдоны та Ирыстоны зæххыты сыгъдæгдзинад тыхсын кæны. Куыд ис баххуыс кæнæн быдыртæн æмæ куыд фæкъаддæр кæнæн ис зæхмæ зианхæссæг буаргъæдтæ хæссыны хъуыддаг? Дзурæм ууыл дæр. Нæ программæйы цымыдисаг уазæг - ирайнаг ахуыргонд. Цæры Швецийы, фæлæ йæ зæрдæ æппынæдзух Ирыстонимæ дзуры.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
ok.ru/irystontv
/ irystontv
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv
Негізгі бет Медицинон кусæджы бон, ирон ахуыргæндтæ Сомихы, зæххыты уавæр æмæ ирайнаг философ I Йæ рæстæгыл
Пікірлер: 5