7-ӕм майы радиойы кусджытӕ фӕбӕрӕг кӕнынц сӕ профессионалон бон. Йӕ рӕстӕгыл ӕй мах дӕр ӕрхъуыды кодтам. Студимӕ нӕм ӕрбацыд, йӕ хъӕлӕс адӕймагимӕ ӕмдзу кӕмӕн кӕны, уыцы адӕймаг. Афтӕ ма ӕрбахуыдтам, ныр бирӕ азты дӕргъы йӕ фыды ӕфсымӕры чи агуры, ахӕм адӕймаджы. Нӕлгоймагмӕ фӕсидтысты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстмӕ, фӕлӕ фӕцыд "ацу ӕмӕ мауал ӕрцу"-йы фӕндагыл. Йӕ къабӕзтӕ йӕ абон дӕр ма агурынц. Ныры дуджы цы хӕстон цаутӕн стӕм ӕвдисӕн, уыдоныл чиныг ныффыссӕг уыдис нӕ иннӕ уазӕг. Аив рӕнхъыты руаджы равдыста йӕ зӕрдӕйы ахаст лӕгӕвзарӕн бонтӕм. Стӕй ма дзы нӕ лӕппутӕй чи ис, уыдонӕн ӕххуыс кӕныныл дӕр дзырдтам. Сӕ фарсмӕ балӕууыдысты сфӕлдыстады кусджытӕ. Куыд ӕгъдауӕй, уый базондзыстут. Программӕйы кӕронбӕттӕны та ӕхсызгонӕй байхъуыстам, аивадон конкурсы чи фӕуӕлахиз, ахӕм лӕппумӕ.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
ok.ru/irystontv
/ irystontv
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv
Негізгі бет Радиойы бон, хӕсты тыххӕй, ног чиныг, Донбассӕн ӕххуыс ӕмӕ аивадон ӕнтыст I Йӕ рӕстӕгыл
Пікірлер: 5